Уырыссаг æфсæддæттæм 14 августæй æнæзаконон ахсты уæвæг  Гуырдзыстоны æмбæстаг ссæрибар ис
Уырыссаг æфсæддæттæм 14 августæй æнæзаконон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстаг ссæрибар ис

Оккупацион режим 14 августы, æнæзакононæй, Гуырдзыстоны кæцы æмбæстагы æрцахста, уый  ссæрибар кодта.

Фæнысангонды  фæдыл информаци, хъусын кæны паддзахадон æдасдзинады куыст.

«Æнæзаконон ахстæй  Гуырдзыстоны æмбæстагы æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар кæныны фарста Гуырдзыстоны централон  хицауад иудадзыгæй иу  бавдыста  инциденттæ маруадзыны  æмæ сыл реагирг кæныны  механизмты  (IPRM)   æмæ  Женевæйы  æхсæнадæмон бадзырдты рæстæджы. Систематонæй  архайдта Евроцæдисы  цæстдарæг миссийы æххуысæй  кусæг «тæвд хаххæй».

Гуырдзыстоны  централон  хицауад активон архайы  уымæн  уæвæг  алы  механизмтæй  цæмæй æнæзакононæй  ахст Гуырдзыстоны æндæр æмбæстæгты  ссæрибар кæной.  Уæрæсейы  оккупацион  тыхты æрдгæй, Гуырдзыстоны  æмбæстæгты æнæзаконон   ахст халы  адæймаджы фундаментон бартæ  æмæ  знаггад  кæны бынатыл  æдасдзинады уавæрæн.  Оккупацион хахх æмæ  оккупацигонд  территорийыл сæххæст  деструктивон  архæйдтытыл  æххæст бæрн æвæрд цæуы  Уæрæсейы  Федерацийыл» – дзырдæуы ПÆК-ы  ахæлиугонд информацийы.