ПÆК - Хъæу Переуы цур оккупацигонд территорийыл  æнæзакъононæй  ахст Гуырдзыстоны  æмбæстаг Гела Иобашвили  сæрибар у
ПÆК - Хъæу Переуы цур оккупацигонд территорийыл æнæзакъононæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстаг Гела Иобашвили сæрибар у

Уæрæсейы оккупацион  тыхты, Сачхерейы  муниципалитеты  хъæу Переуы цур оккупацигонд  территорийыл æнæзакононæй  ахст  Гуырдзыстоны æмбæстаг Гела Иобашвили сæрибар у æмæ  централон  хицауады контролгонд   территорийыл ис.  Информаци уый фæдыл  паддзахадон  æдасдзинады  куыст хъусын кæны.

ПÆК-ы хъусинагæй,  æнæзакъононæй ахст  Гуырдзыстоны  æмбæстагы æнæаргъæвгæйæ  ссæрибар кæныны нысанæн  активонæй   архайдтой   куыд «Тæвд хаххы» механизмæй,  афтæма  централон  хицауадмæ уæвæг   алы æндæр инструментæй.

«Гела Иобашвилийы æнæзаконон ахстæй  ссæрибар кæныны  фарста   регуляронæй   кастæуыд   инциденттæ маруадзыны  æмæ  сыл реагиркæныны  механизмты   форматы цæугæ  фембæлдтыл, æрмæст  информаци та лæвæрд уыдис  Женевæйы  æхсæнадæмон дискусситы  æмсæрдæрттæм æмæ æхсæнадæмон партнертæм.  Оккупацигонд Гуырдзыстоны  регионты æмæ оккупацион  хаххы  дæргъмæ   сæххæст алы  деструктивон архæйдтытыл   бæрн æвæрд цæуы  оккупацион тыхыл. Централон хицауад   æхсæнадæмон партнертимæ иумæ  адрддæр кæны  активон кусын, оккупацигонд территоритыл æнæзаконон ахсты уæвæг   Гуырдзыстоны алы æмбæстагы  ссæрибар кæнынæн», – дзырдæуы   ПÆК-ы  ахæллиугонд  информацийы.