Гуырдзыстоны минæварадмæ  Турчы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн   Гуырдзыстоны  дыккаг æмбæстагы  мæлæты  фæдыл информаци фæхæццæ ис
Гуырдзыстоны минæварадмæ Турчы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны дыккаг æмбæстагы мæлæты фæдыл информаци фæхæццæ ис

Гуырдзыстоны минæварад Турчы  зæххæнкъуысты  фæстиуæгæн   дыккаг  æмбæстагы  мæлæты  тыххæй  информаци райста.

Минæварады  хъусинагæй,   Гуырдзыстоны дипломатон минæварадтæ  24 сахатон режимæй  кусынц  Турчы  уæвæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты фæдыл информаци  самал кæныны æмæ  сын  баххуыс кæныны  нысанæн.

«Турчы  Республикæйы  Гуырдзыстоны минæварадмæ  нæм æрбацыд  хуъсинаг   зæххæнкъуысты фæстиуæгæн   Гуырдзыстоны  ноджы иу æмбæстагы  мæлæты фæдыл. Минæварадæнб Турчы г. Антакиайы  Гуырдзыстоны ноджы  иу  æмбæстагы – О.Ц. мæлæты фæдыл  æвдисæн  фехъусын кодта.  Гуырдзыстоны  дипломатон  минæварадтæ  24 сахатон  режимæй кусынц   Турчы  уæвæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты фæдыл информаци самал кæнынæн  æмæ сын баххуыс кæнынæн.   Минæварад   контактыл ис  фæмардуæвæгы бинонтимæ, афтæма Турчы æмбæлгæ  уагдæттимæ», – хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны минæварады.

Фæстаг бæрæггæнæнтæй,  Турчы   зæххæнкъуысты  фæстиуæгæн  амæттагы нымæц  1498-мæ ахæццæ ис,  цæфты  нымæц  та 7600-ы  бæрц у.