Гуырдзыстоны уæлдæфы температурæ 11-13 марты 27 градусы онг схъарм уыдзæн
Гуырдзыстоны уæлдæфы температурæ 11-13 марты 27 градусы онг схъарм уыдзæн

Алфамбылайы националон агентады информацийæ, Гуырдзыстоны 11-13 марты хъарм æмæ хус боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг. Синоптикты информацийæ, Тбилисы уæлдæфы температурæ боны мидæг +23, +25 градус уыдзæн.

“Денджызы былгæрон регионты (Батумы, Кобулеты, Анаклиайы, Поти): 11-13 мартъийы æнхъæлмæкæсинаг у фылдæр сыгъдæг боныхъæд, боныгон уæлдæфы температурæ +24, +26 градусы Цельсийæ.”

Къахеты (Сагареджойы, Телавы, Гурджааны, Сигънагъы, Лагодехы, Хъварелы, Ахметайы, Дедоплисцъхъаро): 11-13 мартъийы фылдæр хус боныгъæд уыдзæн. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +20, +23 градусы.

Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Ахалгоыр, Борджомы, Душеты, Тианеты, Пасанауры): 11-13 марты фылдæр хус боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг. «Боны мидæг уæлдæфы температурæ +18, +21 градус уыдзæн» – ис фыст алфæмблайы националон агентады хъусинаджы.