Стыр Британийы масштабон маркетингон кампани цæуы, кæцыйы организаци кæнынц Гуырдзыстоны националон туризмы администраци æмæ Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад.
Гуырдзыстоны туризмы националон администрацийы информацийæ, Лондоны централон уынгтæ æмæ сæйраг фæзуæтты Гуырдзыстоны куыд туристон нысаниуæгæй пропагандæгæнæг афилбордтæ сæвæрдтой.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æнæхъæнæй 46 æддагон рекламæйы баннер сæвæрдтой, кæцыты нымæцы нымæцон, афтæ дæр статикон рекламæ.
“Кампанийы нысан у Гуырдзыстоны рапарахат кæнын, куыд бирæвæрсыг æмæ ерысхъом туристон бынат Стыр Британийы базары. Афæдзы дæргъы Лондоны 17 милуанæй фылдæр адæймаг фендзæн рекламон видеотæ æмæ фотоколлажтæ Гуырдзыстоны тыххæй” -ис фыст Гуырдзыстоны националон туризмы администрацийы фидиуæны.
Афтæ дæр банысан кодтой, цæмæй Стыр Британи Гуырдзыстонæн нысаниуæгджын туристон базар у. 2026-æм азы фыццаг кварталы, Стыр Британийæ Гуырдзыстонмæ визитты нымæц, 2025-æм азы аналогион периодимæ абаргæйæ, 45.7% фæфылдæр ис.
Комкоммæ рейстæ Тбилис æмæ Лондоны æхсæн æххæст кæнынц British Airways æмæ easyJet.
