Гуырдзыстоны парламент хицауадæн æууæнкыл фидæн къуырийы фæуынаффæ кæндзæн
Гуырдзыстоны парламент хицауадæн æууæнкыл фидæн къуырийы фæуынаффæ кæндзæн

Гуырдзыстоны  парламент  хицауадæн  æууæнкыл  фæуынаффæ кæндзæн иннæ  къуырийы.

Журналисттæн  парламенты процедурон фарстæты  комитеты сæрдар   Ираклий Кадагишвили  куыд фехъусын кодта, афтæмæй, цæугæ  къуырийы   хицауады сконды фæдыл  закондæттæг  органмæ уыдзæн кууырдиат æмæ  стæй  парламенты райдайдзысты хъусын.

«Æвæццæгæн иннæ  къуыри уыдзæн  хицауады балы   комплекткæнынæн. Балы сконды тыххæй, уыдзæн консультацитæ  æмæ  хъуыдыты  баивд», –  райхъусын кодта  Кадагишвили.

Хицауад ныр æрмæст хæстæ æххæстгæнæг у, уымæн æмæ парламенты  раз æххæстбартæ  конституцимæ гæсгæйæ  æрмæтс ногæвзæрст  парламенты фыццаг  рабадтыл, 11  декабры  аивдтой.