Гуырдзыстоны парламенты галуаны 17 апрелы æдасдзинады бургъуыз æмвæз архайдзæн
Гуырдзыстоны парламенты галуаны 17 апрелы æдасдзинады бургъуыз æмвæз архайдзæн

 

Гуырдзыстоны парламенты  17 апрелы æдасдзинады  уæлæмхас   мадзæлтты фæдыл   фидиуæн публикаци кæнынц.

Парламенты  фидиуæны  куыд дзырдæуы  афтæмæй, 17 апрелы Гуырдызстоны парламенты  галуаны  архайдзæн  æдасдзинады  бургъуыз  æмвæз.

«Гуырдзыстоны парламенты  галуаны  æдасдзинад бахъахъхъæды   уаг сфидар кæныны фæдыл» Гуырдзыстоны парламенты сæрдары   2023  азы  04 сентябры  N1/259/23 бардзырдмæ æмбæлгæйæ, цæугæ азы  17 апрелы  Гуырдзыстоны  парламенты  галуаны архайдзæн  æдасдзинады бургъуыз  æмвæз, –  визитортæн  арæнгонд уыдзæн парламенты галуанмæ бацыд.Плангонд парламентон мадзæлттыл (уый нымæцы комитеты  рабадтытыл) уагъд уыдзысты æрмæстдæр æмбæлгæй  структурон  иуæгы  хуынд  уæнгтæ.

Арæнæвæрд нæ баххæсдзæн  телеуацхæссджыты/телемедиа фæрæзты аккредитацигонд журналистæм.

Фæнысангонд мадзæлтты нысан у Гуырдзыстоны парламенты галуаны  кусæн æмæ æдас уавæр  сифтонг кæнын», – дзырдæуы  Гуырдзыстоны  парламенты  фидиуæны.