Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили бæстæйы президент Михаил Кавелашвилимæ сиды, цæмæй æрсидт æнæрадон рабадтмæ.
Уый фæдыл Папуашвили Шалва парламенты уалдзыгон рабадты сыхгæды рæстæджы расидтис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæрадон рабадты æрсидты нысан у, наркотикты фыдракæндты ныхмæ тохы баст премьер-министры инициативæтыл æруынаффæ кæнын æмæ райсын.
«Фæззыгон рабадт кæронмæ фæхæццæ кæны, æмрæстæджы, ацы къуыри премьер-министр хъæлæс кодта инициативæтыл, кæцытæ баст сты наркотикон фыдракæнды ныхмæ тохимæ.Парламентон фылдæры хайы лидер сбæлвырд кодта парламенты цæттæдзинад ацы инициативæтæм æркæсын æмæ райсынæн.Уый тыххæй дæр фæнд кæнын Гуырдзыстоны президентмæ басидын, цæмæй æнæрадон сесси æрсидтæуа иннæ къуыри, 2-æм июлы, æнæрадон рабадты фæлгæтты рабадтытæ абонмæ та цы хауы, июны фæстаг цыппæрæм у æмæ уалдзыгон рабадт фæуд кæны, уымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны конституцийы 44-æм статьяйы фыццаг пунктыл бындурæвæрдæй, парламенты уалдзыгон рабадт æхгæдæй расидтæн», – расидтис Шалва Папуашвили.