Гуырдзыстоны парламенты 27-æм июны æдасдзинады бургъуыз æмвæзад кусдзæн
Ацы аз 27-æм июны Гуырдзыстоны премьер-министр парламенты пленарон рабадтыл хицауадон программæйы реализацийы прогрессы фæдыл хыгъдлæвæрд бавдисдзæн.
Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыстуаты информацийæ, ацы фæдыл, Гуырдзыстоны парламенты сæрдары 2023 азы 4-æм сентябры N1/259/23 барамындмæ гæсгæ «Гуырдзыстоны парламенты галуаны æдасдзинады хъахъхъæды уагæвæрды сбæлвырд кæныны фæдыл», ацы азы 27-æм июны парламенты галуаны æдасдзинады цъæх æмвæзад уыдзæн æххæстгонд – уазджытæн Парламенты галуанмæ бацæуыны бар нæ уыдзæн.
«Плангонд парламентон мадзæлттæм (комитетон æмæ пленарон рабадтытæм) æрмæстдæр уыцы адæймæгтæн уыдзæн бар, кæцытæм æмбæлон структурон иуæгтæ æрбахуыдтой.
Парламентон мадзæлтты фæудмæ бæстыхаймæ алы уацхæссæгæй æртæйæ фылдæр аккредитацигонд уацхæссæг/телемедийы фæрæзтæ нæ уыдзæн бар.
Ацы мадзалы нысан у Гуырдзыстоны парламенты галуаны æдас куысты уавæр сифтонг кæнын» – ис фыст парламенты парахатгонд информацийы.