Гуырдзыстоны парламент -  акцийы хайадисджыты  парламенты бæстыхаймæ бырсты фæстиуæгæн базиан ис инфраструктурæ, цæй тыххæй  дæр абон бюройы æмæ пленарон рабадтытæ нæ ацæудзысты
Гуырдзыстоны парламент - акцийы хайадисджыты парламенты бæстыхаймæ бырсты фæстиуæгæн базиан ис инфраструктурæ, цæй тыххæй дæр абон бюройы æмæ пленарон рабадтытæ нæ ацæудзысты

Гуырдзыстоны парламенты абон бюройы   æмæ пленарон рабадтытæ  нæ  ацæузæн. Информаци хъусын кæны  парламенты пресскуыст.

«Протестон  акцийы хайадисджытæ  фыццаг  майы   Гуырдзыстоны  парламенты бæстыхаймæ   цы  бырст сыххæст кодтой  уый фæстиуæгæн, закъондæттæн оргæны  бæстыхай æмæ инфораструктурæ базиан сты, уый тыххæй ддæр  абон 2  майы,   парламенты  галуаны  плангонд  мадзæлттæ (бюройы æмæ пленарон рабадт)  нал ацæудзысты. Гуырдзыстоны  парламенты  бæстыхайы  ацытæккæ  æмбæлгæ  структурæтимæ иумæ,  ныссыгъдæггæнæн  æмæ сноггæнæн  куыстытæ  цæуынц» -банысангонд у парламенты ахæлиугонд информацийы.