Гуырдзыстоны парламенты галуаны 15 апрелы æдасдзинады бургъуыз æмвæз архайдзæн
Гуырдзыстоны парламент 15 апрелы æдадсзинады уæлæмхас мадзæлтты фæдыл фидиуæн публикаци кæны.
Парламенты куыд банысан кодтой афтæмæй, 15 апрелы Гуырдзыстоны парламенты галуаны архайдзæн æдасдзинады бургъуыз æмвæз.
«Гуырдзыстоны парламенты галуаны æдасдзинад бахъахъхъæды уаг сфидар кæныны фæдыл» Гуырдзысоны парламенты сæрдары 2023 азы 04 сентябры N1/259/23 бардзырдмæ æмбæлгæйæ, цæугæ азы 15 апрелы Гуырдзыстоны парламенты галуаны архайдзæн æдасдзинады бургъуыз æмвæз, – визитортæн арæнгонд уыдзæн парламенты галуанмæ бацыд.
Плангонд парламентон мадзæлттыл (уый нымæцы комитеты рабадтытыл) уагъд уыдзысты æрмæстдæр æмбæлгæй структурон иуæгы хуынд уæнгтæ. Арæнæвæрд нæ баххæсдзæн телеуацхæссджыты/телемедиа фæрæзты аккредитацигонд журналистæм.
Фæнысангонд мадзæлтты нысан у Гуырдзыстоны парламенты галуаны кусæн æмæ æдас уавæр сифтонг кæнын», – дзырдæуы Гуырдзыстоны парламенты фидиуæны.