Гуырдзыстоны парламент хицауадæн æууæнкыл фидæн къуырийы фæуынаффæ кæндзæн
Гуырдзыстоны парламент хицауадæн æууæнкыл фæуынаффæ кæндзæн иннæ къуырийы.
Журналисттæн парламенты процедурон фарстæты комитеты сæрдар Ираклий Кадагишвили куыд фехъусын кодта, афтæмæй, цæугæ къуырийы хицауады сконды фæдыл закондæттæг органмæ уыдзæн кууырдиат æмæ стæй парламенты райдайдзысты хъусын.
«Æвæццæгæн иннæ къуыри уыдзæн хицауады балы комплекткæнынæн. Балы сконды тыххæй, уыдзæн консультацитæ æмæ хъуыдыты баивд», – райхъусын кодта Кадагишвили.
Хицауад ныр æрмæст хæстæ æххæстгæнæг у, уымæн æмæ парламенты раз æххæстбартæ конституцимæ гæсгæйæ æрмæтс ногæвзæрст парламенты фыццаг рабадтыл, 11 декабры аивдтой.