Гуырдзыстоны ИНО-йы минæварад -  курæг стæм  Гуырдзыстоны парламентæй, ма сфидар кæнæт бавдыст ивддзинæдтæ «тамакойы контролы фæдыл» закъоны
Гуырдзыстоны ИНО-йы минæварад - курæг стæм Гуырдзыстоны парламентæй, ма сфидар кæнæт бавдыст ивддзинæдтæ «тамакойы контролы фæдыл» закъоны

Гуырдзыстоны Иугонд Нациты Организацийы  минæварад хъусын  кæны, цæмæй  2023  азы 16 октябры  Гуырдзыстоны парламенты инициргонд  закъонопроект зиангæнæг  у  æхсæнадон  æнæниздзинадæн.

ИНО-йы  минæварады  фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй,   бавдыст  ивддзинæдтæй, стандартизацигонд  æддагцъары фæдыл регуляцитæ не æххæссынц   тæвдгæнæн  тамакойы продукцимæ, тамакойы  продукцийы ауæй  раздæры  æддагцъары уæвгæйæ  ноджы  аст мæйæ  адарддæр уыдзæн.

«Гуырдзыстоны æххæстаздзыд  цæрджыты  зæгъæн ис  æртыккæгæм хай, афтæдæр æнахъомты æмæ   фæсивæды  нысаниуæгджын хай сты  тамако-фæлхасгæнджытæ.  Бæстæйы тамакоимæ баст  æнæнизхъахъхъæды  комкоммæ æмæ   фæрссаг   хардзтæй, кæцы  рагафойнон мæлынады, амалхъомдзинады æмæ кусæн бынатыл  хардзтимæ у баст, расайгæ  афæдзон  хадз  800 милуан  ларийæ фылдæр у, фæмардуæвджыты  нымæц та  11 000-æй фылдæр.  Ацы уавæры  фæивын  тамакойы контролы æппæтылæххæссæг  æмæ  эффективон  политкæйы  дæргъвæтин  æмæ  æнæцудгæйæ сæххæст кæнын домы», –  зырдæуы фидиуæны.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ,   абоны  уавæрæй, европæй æмæ Дунейы  бирæ  бæстæ  нырид æнæныв  æддагцъарæй пайда кæны, куыд  тамакойы  контролы эффективон  мадзалæй, афтæ.

«Уымæй тамакойы продукцийы зæрдæмæдзæугæдзинады ныллæгдæр кæны,  медицинон  рагфæдзæхсты  эффект рæзы, къаддæр бафтауы рæдыды  фæлхасгæнджыты  æмæ, фæстагмæ,  тамакойæ фæлхасад  дæр   къаддæр кæны.

Курæг стæм Гуырдзыстоны парламентæй,  бавдыст ивддзинæдтæ ма  сфидар  кæны æмæ ныфс дарæм, цæмæй  уый адарддæр кæндзæн бæрзонд æмвæзадыл  цы политикæйы тыххæй хъусын кодта   уый уадзын  æнæниздзинады хъахъæды æмæ  тамакойы  индустрийы  контролы сферæйы, афтæма, бахъахъхъæндзæн   закъондæттынады тамакойы  индустрийы  интерестæй, тамакойы  продукцийы  стандартизацигонд æддагцъары фæдыл регуляци скусын кæнын хынцгæйæ», –  банысангонд у   фидиуæны.