Гуырдзыстоны парламент  - 6  марты  парламенты бæстыхаймæ бауадзыны   арæнгонд  режим  архайдзæн
Гуырдзыстоны парламент - 6 марты парламенты бæстыхаймæ бауадзыны арæнгонд режим архайдзæн

Гуырдзыстоны   парламент   æдасдзинады   уæлæмхас   мадзæлтты  фæдыл  фидиуæн публикаци кæны.

Фидиæны  куыд  дзырдæуы  афтæмæй  6 марты  парламенты  бæстыхайы   архайдзæн  уагъды  арæнгонд    режим.

«Цæугæ  азы   6 марты «Гуырдзыстоны   парламенты  бæстыхайы æмæ   алыварс  территорийыл æдасдзинады   хъахъхъæды  режимы  фæдыл»  Гуырдзыстоны   парламенты  сæрдары  2016 азы   30   декабры   N259/3 бардзырдæй   бæрæг регуляцитæм æмбæлгæйæ  архайы   парламенты  бæстыхаймæ уагъды    арæнгонд  режим», –  дзырдæуы парламенты фидиуæны.

Афтæма  сæ информацийæ,   арæнæвæрд не хæссы  акредитацигонд  журналисттæм  æмæ  мадзæлттæм æмбæлгæ  комитетимæ  рагафон  разыгонд  хуынд уæнгтæм.

«Фæнысангонд  мадзæлтты  нысан у   Гуырдзыстоны  парламенты  уæнгты, аппараты кусджыты æмæ  парламенты  визиторты  æдасдзинад бахъахъхъæнын  æмæ   кусæн уавæртæ  сифтонг кæнын», –  банысангонд у  Гуырдзыстоны парламенты   фидиуæны.