Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 15 712  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 21 623 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 15 712 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 21 623 пациент


Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  15 712   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 21 623   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 40 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  46 425  адæймагæн, сæ  нымæцы –  26 163  антигены тестæй  æмæ   20 262 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 33,84%, фæстаг 14 боны –  31,66%, фæстаг  7 боны  – 32,85%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 454 065     цау, уыдонæй  1 248 242   сæнæниз сты, 15 556   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 774 755   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 089.

Карантины режимы сты 21 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 036, клиникон фысымуаты ис  1 581   уæнгы.

Знон, 12 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  20 326      ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  48 468    пациент, 57  адæймаг та  амард.