Гуырдзыстоны ФХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй Францы иуæй-иу регионы президенты публикацигонд картæйæн, ницы бастдзинадзинад ис францаг официалон фарсимæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй Францы иуæй-иу регионы президенты публикацигонд картæйæн, ницы бастдзинадзинад ис францаг официалон фарсимæ.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады спикер мари нарчемашвили социалон хызагы фыссы.
«Æхсæнады бæрзонд интересы тыххæй уый хъусын кæнын, цæмæй гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад æмæ Гуырдзыстоны минæварад Францы Республикæйы, адзырдтой æмæ контактыл сты францаг коллегæтимæ, сæрмагондæй та Францы Оверн-Рона-Алпæты регионы президенты офисимæ. Зондзыстут æй, цæмæй фæнысангонд регионы президент Лоран Вокьейы социалон хызагы (Facebook æмæ Twitter) публикацигонд æрцыд картæ, кæцыйыл Сомихыстоны арæнты мидæг фæцис Гуырдзыстоны территорийы хай. Фыццагон бацагуырды фæстиуæгæн фæбæрæг ис, цæмæй уй у картæ, кæцыйæ активон архайы Францы уæвæг сомихаг националистон равгы организаци æмæ йын ницы бастдзинад ис францаг официалон фарсимæ. Фæнысангонд бæстыхай дæр, цы ран уæвы регионы президент афтæдæр у националистон организацийы офис»- фыссы Мари Нарчемашвили «Фейсбукы».