Францы хуссары хъæды масштабон зынгсирвæзты ныхмæ тох кæнынц

16:41, 15.08.2023

Францы хуссары хъæды  масштабон зынгсирвæзты ныхмæ  тох кæнынц.   Сыгъд   хурыскæсæн   Пиренейты  æрдгæй   500   гектарыл ахæлиу ис.   Эвакуацигонд сты 2000-æй фылдæр   бынæттон æмæ турист.

Францы  уæлвæтк уавæрты  куысты  информацийæ,  зынгсирвæзты  ахæлиу  ныр контролы  дæлбар у, фæлæ  нырма ис  хæссаг  уавæр.   Стихийы   ликвидацион   куыстыты рæстæджы 17  зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг   рог зиæнттæ  райстой.

Сыгъд  14 августы  изæры  фазынд  æмæ цырд  ахæлиу ис  сæдæгай гектарыл. Стихий 30-ы онг цæрæн хæдзары  базиан кодта.   Испанийы   арæнгæрон æхгæд у  автомобилон фæндаг æмæ   урæд у  æфсæнвæндагон змæлд.

Хуыздæр