Сабион Евроуынынад 2023-ы  уæлахиздзау ссис  Франц
Сабион Евроуынынад 2023-ы уæлахиздзау ссис Франц

Сабион Евроуынынад  2023-ы  уæлахиздзау  228 баллимæ ссис  Францы минæвар Zoé Clauzure.

Кæсджыты  æмæ  жюрийы  уынаффæйæ, Гуырдзыстон 14-æм бынат бацахста.

Гуырдзыстоны баллтæ ацы бæстæты жюрийæ райста: Испанийæ – 5, Ирландийæ- 3, Сомихыстонæй -4, Португалийæ -5, Италиайæ -3, Германийæ та  -1. Онлайн хъæлæскæнынадæй та  Гуырдызыстон  53  балл райста. Гуырдзыстоны æмтгæй расгæйæ 74  баллимæ  14-æм бынат  бацахста.

Гуырдзыстоны жюрийы баллтæ та афтæ адих сты:

Анастасиа, Ото æмæ Николоз  кæсджыты раз ралæууыдысты   зарæгимæ  Over The Sky, кæцыйы Бетхо  æмæ  Мэбо Нуцубидзе  ныффыстой.

Зарæггæнджытимæ иумæ  Евроуынынады  сценæйыл  ноджы  дыууæ кафæг   – Нита Джагъмадзие æмæ Барбаре Каджаиа  рацыдысты.

Сабион Евроуынынад 2023 Францы  горæт  Ниццæйы  ацыд, кæцыйы  сæйраг слоган  уыд  Heros |геройтæ.