Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Украинайы уæвæг æмæ йæ сыхаг бæстæтæм цыд Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн публикаци кæны хъусинаг
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Украинайы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн специалон хъусинаг публикаци кæны.
Уагдоны куыд банысан кодтой афтæмæй, Украинайы айтынггонд хæстон уавæры тыххæй, Гуырдзыстоны дипломатон мисситæ Киев æмæ Одессайы дарддæр кæнынц уæвæтк 24 сахатон режимæй кусын æмæ æххуыс кæнынц Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Украинайы территоритæ ныууадзыны æмæ гуманитаронæй дæр.
«Æмбæстæгты бынативды æмæ концентрацимæ гæсгæйæ, фæсарæн хъуыддæгты министрад ахицæн кодтак, æмбæстæгтæн æххуысы нысанæн Львовы скусын кæна уæлæмхас консулон пункт.
Сæинформацийæ, зæгъгæ Гуырзыстоны æмбæстæгтæ æххуысы тыххæй, хъуамæ баздæхой уыцы минæварадмæ, кæцы бæстæйы сты ацы моментмæ.
«Гуырдзыстоны хицауад иудадзыг мсониторинг кæны Украинайы хæсторн архæйдтыты фоныл гуманитарон кæлидорты расидыны фадатмæ æмæ ахæм цауы, цæттæ у эвакуаци скæна Укранайы территорийыл уæвгæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты.
Уæдмæ та Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад сидтис Украинайы территорийыл уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм:
- Бакоммæкæсæт Украинайы хицауады уагæвæрд æдасдзинады æркуырдтæм куыд бынатыл уæвгæ, афтæ территори ныууадзыны проессы фæдыл;
- Баззайд æнæсакуынгæ коммуникацийы Гуырдзыстоны консулон куыстимæ, куыд бæстæйы уæвгæ, афтæ йæ ныууадзыны цауы;
- Иудадзыг сæхимæ уæд балцæн æнæмæнгхъæугæ документаци æмæ хца;
- Иудадзыг кусгæ режимы дарæт мобилон телефонтæ æм энергийы æлæмхас блоктæ ( а.х. портатон павер-банк);
- Мобилон телефоны сæм уæд тагъд æххуысы, зынгвæдисон куысты, Украинайы Гуырдзыстоны дипломатон æмæ консулон уагдæтты номыртæ;
- Сæ хъус дарæт бынæттон хицауады ахæлиугонд информацитæм»- дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Уагдон ноджы иу хатт публикаци кæны тæвд хаххы номыртæ:
Гуырдзыстоны минæварад Киевы:
+ 380 (63) 376 77 68
+ 380 (44) 590 69 50
+ 380 (93) 544 01 17
+ 380 (63) 376 73 64
Генералон консулад, Одессæ:
+ 380 (63) 176 75 55
+ 380 (93) 761 17 17
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад:
+ 995 (32) 2 94 50 50