Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад фауы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ ауадзыны факт
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад оккупацигонд Гуырдзыстоны регионы Уæрæсейы президентон æвзæрстыты ауадзыны фæдыл фидиуæн публикаци кæны.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон фауы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты ауадзын æмæ æфзарæнон фадгуыты æнæзакъононæй байгом, уым бынæттон цæрджыты массивонæй бауи кæныны нысанæн.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны дзырдæуы, цæмæй фæысангонд архайд у Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинады ныхмæ къахдзæф, кæцы гуырымыхъхъ халы æхсæнадæмон барады фундаментон принциптæ æмæ нормæтæ, æмæбынтон ницæмæ дары ИНО-йы уагæвæрд æмæ Хельскинкийы хадзæгон акты.
„Оккупацигонд регионты цыфæнды æвзæрстытæ ауадзын æнæзакъонон у оккупацийы фоныл, кæцы бæлвырд у уый нымæцы æхсæнадæмон тæрхондæттæй, æмæ оккупацигонд территоритæй этникон ныссыгъдæджы фæстиуæгæн расургæ цæрджытæм куы не фты фадат сæрмгаонд хæдзæрттæм æрыздæхын ахæм уавæрты. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды Уæрæсейы Федерацимæ, баурома Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинады ныхмæ архæйдтытæ æмæ сыххæст кæнæд йæ æхсæнадæмон хæстæ, уый нымæцы Евроцæдисы æххуысæй æвæд 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырд. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды æхсæнадæмон æмгарадмæ, æмбæлгæ аргъ сæнæд æмæ реагирдзинад йын уæд оккупацигонд регионты Уæрæсейы радон æнæзакъонон архайдыл, кæцы гуырымыхъхъ агайы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад“ – дзырдæуы фидиуæны.