Фæсарæн хъуыддæгты министрад – æхсызгон у, цæмæй Францы æддагполитикъон уагдон Гуырдзыстоны айтынггонд фæзындтæм дары йæ цæст, фæлæ уагдоны фидиуæн цух у объективондзинадæй, кæцы цырын кæны тыхмидзинад
Æхсызгон нын у цæмæй Францы æддагполитикон уагдон Гуырдзыстоны айтынггонд фæзындтæм лæмбынæг дары йæ цæст, фæлæ нын хъыгаг у, цæмæй уагдоны фидиуæн цух у объективондзнадæй – уый фæдыл банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, æнæобъективон аргълæвæрдтæ цырын кæнынц тыхмидзинад.
«Фæнды нæ сдзуапп кæнын Францы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæнæн Тбилисы тыхмигæнæгон æмбырдтыл барадхъахъъхæнæг оргæнты реагиркæныны фæдыл.
Гуырзыстоны бæрзонддæр стандарттæй у ифтонггонд æмбырды æмæ дзырды сæрибар. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, нæкæсгæ уымæ, цæмæй политикон оппозициимæ баст æмæ фæсарæнтæй финансгонд тыхмигæнæг къордтæ æххæст кæнынц масштабон тыхмидзинад паддзахадон институтты бæстыхæйттыл æмæ барадхъахъхъæнæг структурæты ныхмæ, гуырдзиаг барадхъахъхъæнджытæ, кæд цалдæр хъыгаг инциденты нæ банымайдзыстæм, адæймаджы барты бæрзонддæр стандартмæ æмбæлгæйæ архайынц.
Æхсызгон у, цæмæй Гуырдзыстоны айтынггонд фæзындтæм лæмбынæг дарут уæ цæст. Фæлæ хъыгыг у,ц æмæй уæ фидиуæн цух у объективондзинадæй.
Афтæма уын бакой кæндзыстæм, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад йæхи фæурæдта Францы æрдæм критикон фидиуæнтæй, йеуæд дæр, Паризы барадхъахъхъæнджытæ митинггæнджыты бруталон, адæймаджы барты æппæт стандарттæм бынтон æнæмбæлгæ методтæй куы фæбыцæу сты.
Æнæбъективон аргълæвæрдтæ цырын кæнынц тыхмидзинад, кæцы нырид куыд фæнысан ис афтæмæй, политикон партитимæ баст æмæ фæсарæнтæй финансгонд тыхмигæнæг къордтæй цæуы æххæст» – баныснгонд у Гуырдзыстоны Фæсарæн! Хъуыддæгты Министрады! Фидиуæны.
Францы æддагполитикон уагдоны минæвар, знон райхъусын кодта, цæмæй «Францы мæтгæнгæйæ дары йæ цæст Гуырдзыстоны уавæрмæ, фауы тыхмидзинад æмæ сиды хицауадмæ, бахъахъхъæнæнт сабырадон протесты бар».