Фæсарæн хъуыддæгты министрады, Гуырдзыстоны дипломатон миссийы къухдариуæггæнджыты æмхайадæй ацыд фембæлд ЦÆК-ы сæрдаримæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады, Гуырдзыстоны дипломатон миссийы къухдариуæггæнджыты æмхайадæй ЦÆК-ы сæрдар Гиорги Каландаришвилиимæ фембæлд ацыд.
Фембæлды фæстæ фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили куыд загхта афтæмæй, фембæлд кæцыйыл дзырд уыдис октябры æвзæрстыты тыххæй, уыдис иттæг цымидисон æмæ лæмбынæг.
«Æрдзырдтам, цæмæй фæсарæн хъуыддæгты министрад æмæ ЦÆК фидæны дæр адарддæр кæндзысты æнгом æмгуыстад, координацидзинад æмæ коммуникаци, цæмæй иу æрдгæй нæ æмбæстæгтæ равдисой йæ конституцион бар октябры ауадзинаг æвзæрстыты æмæ æмæ сын ма уа барьертæ, иннæрдгæй та, сараздзыстæм алцыппæт, цæмæй ацы æвзæрстытæ уа æдас, нæхи аиуварс кæнæм алыгъуызон рискытæй, æмæ технологионæй уа рæвдз», – райхъусын кодта Илиа Дарчиашвили.
Уыимæ ЦÆК-ы сæрдар Гиорги Каландаришвили куыд банысан кодта афтæмæй, фембæлдыл минæвæрттæн бадæттой информаци, цæмæй фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн информаци фехъусын кæнын бантыса.
«Нысаниуæгджын у, нæ æмбæстонты информиркæныны нысанæй дипломатон минæварадтæм уа информаци фæсарæнты уæвæг нæ æмбæстонты æвзæрстыты айад райсынæн æмæ æндæр нысаниуæгджын прогрессон активондзинæдты фæдыл, кæцы абон институцийы раз лæууы. Уый тыххæй, стæм регулярон æмæ иудадзыг коммуникацийы фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ, цы ран перманентонæй ивæм информаци нысаниуæгджын фарстатыл, кæцы ифтонг кæны æвзæрстыты бæрзондпроцессион æмвæзыл, европаг æмæ æхсæнадæмон стандартæй администрирдзинад», – райхъусын кодта Каландаришвили.