Фракци «Националон Змæлд» сиды фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ,ома парламентон æвзæрстытæм цæст бадарынæн, OSCE/ODIHR-мæ арвита цæстдарджыты рарвитыны фæдыл хонæн
Фракци «Националон Змæлд» сиды фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ,ома парламентон æвзæрстытæм цæст бадарынæн, OSCE/ODIHR-мæ арвита цæстдарджыты рарвитыны фæдыл хонæн

Парламентон фракйи «Националон Змæлд» фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ баздæхт, паралментон æвзæрстытæм  цæст бадарыны нысанæн OSCE/ODIHR-ы цæстдарджыты рарвитыны куырдиат бавдисыны фæдыл.

Абон лæвæрд пресс-конференцийыл Тина Бокучава  куыд райхъусын кодта афтæмæй, OSCE/ODIHR-мæ  хонæн арвитын у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады хæс.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ  растдæр ацы  хонæны бындурыл  цæуы  сæйраг æвзарæнон  цæстдарæгон  миссийы формиркæнын æмæ  рарвыст Гуырдзыстоны æвзæрстытæм  цæст бадарыны нысанæн.

«Хицауад ныхъхъус ис  æмæ  OSCE/ODIHR-мæ  хонæн ацы рæстæгмæ  нæу æрвыст, ацы рæстæджы та, куыд бæстæйы мидæгæй, афтæ фæсарæнты алчи дзæбæх æмбарæм, цæмæй  ацы азы октябры Гуырдзыстоны уыдзæн  геополитикон нысаниуæгы  æвзæрстытæ, кæцы рæстæджы аскуыддзаг уыдзæн   бæстæйы европаг фидæны фарста», – райхъусын кодта Бокучава.