Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Украинайы уæвæг  æмæ йæ сыхаг бæстæтæм  цыд  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  публикаци кæны хъусинаг
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Украинайы уæвæг æмæ йæ сыхаг бæстæтæм цыд Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн публикаци кæны хъусинаг

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Украинайы  уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  специалон хъусинаг  публикаци кæны.

Уагдоны  куыд банысан  кодтой  афтæмæй,   Украинайы айтынггонд  хæстон уавæры тыххæй,   Гуырдзыстоны дипломатон мисситæ Киев æмæ  Одессайы  дарддæр кæнынц  уæвæтк 24 сахатон режимæй   кусын æмæ æххуыс кæнынц  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн  Украинайы  территоритæ ныууадзыны  æмæ гуманитаронæй дæр.

«Æмбæстæгты бынативды æмæ  концентрацимæ гæсгæйæ,   фæсарæн хъуыддæгты министрад ахицæн кодтак, æмбæстæгтæн  æххуысы нысанæн Львовы  скусын кæна уæлæмхас  консулон пункт.

Сæинформацийæ, зæгъгæ Гуырзыстоны  æмбæстæгтæ  æххуысы тыххæй,  хъуамæ баздæхой уыцы  минæварадмæ, кæцы  бæстæйы  сты ацы моментмæ.

«Гуырдзыстоны  хицауад иудадзыг мсониторинг кæны Украинайы  хæсторн архæйдтыты фоныл   гуманитарон    кæлидорты    расидыны фадатмæ æмæ   ахæм цауы, цæттæ у  эвакуаци скæна  Укранайы  территорийыл уæвгæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты.

Уæдмæ та Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрад  сидтис Украинайы территорийыл уæвæг  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм:

  • Бакоммæкæсæт  Украинайы  хицауады   уагæвæрд  æдасдзинады  æркуырдтæм  куыд   бынатыл уæвгæ, афтæ  территори ныууадзыны   проессы  фæдыл;
  • Баззайд æнæсакуынгæ коммуникацийы   Гуырдзыстоны  консулон куыстимæ, куыд бæстæйы уæвгæ, афтæ  йæ ныууадзыны  цауы;
  • Иудадзыг  сæхимæ уæд  балцæн æнæмæнгхъæугæ  документаци æмæ  хца;
  • Иудадзыг кусгæ режимы дарæт мобилон телефонтæ æм  энергийы  æлæмхас блоктæ ( а.х.  портатон павер-банк);
  • Мобилон телефоны сæм уæд  тагъд æххуысы,   зынгвæдисон куысты, Украинайы  Гуырдзыстоны дипломатон   æмæ консулон  уагдæтты   номыртæ;
  • Сæ хъус дарæт  бынæттон   хицауады  ахæлиугонд  информацитæм»- дзырдæуы  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны.

Уагдон ноджы иу  хатт публикаци кæны  тæвд хаххы номыртæ:

Гуырдзыстоны минæварад Киевы:

+ 380 (63) 376 77 68
+ 380 (44) 590 69 50
+ 380 (93) 544 01 17
+ 380 (63) 376 73 64

Генералон консулад, Одессæ:

+ 380 (63) 176 75 55
+ 380 (93) 761 17 17

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад:

+ 995 (32) 2 94 50 50