Гуырдзыстоны æмбырдгонд Гибралтары  абырста – Нациты Лига уæлахиздзинадæй райдыдта #1TVSPORT
Гуырдзыстоны æмбырдгонд Гибралтары абырста – Нациты Лига уæлахиздзинадæй райдыдта #1TVSPORT

Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  Нациты Лигæйы ног ерысыл  фыццаг  матчмæ рахызт.   «Дзуархæсджытæ» С4  къорды Гибралтары æмбырдгонды ныхмæ  ахъазыдысты  æмæ йæ  стыр хынцæй  4:0  басастой.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд  Гибралтаримæ  4 хатт  фембæлдис – Евро2016  æмæ Евро2020-ы равзарæн  къордты.  Нæ бал  æндæогъы  цыппар хатт  басаста –  3:0, 4:0, 3:0 æмæ   3:2.

Фыццаг таймы фæйнæ  къæм баппæрстой   Хвича Кварацхелиа æмæ Гурам Кашиа.  Дыккаг  таймы  Гуырдзыстоны æмбырдгонд   æндæогъы дыууæ хатт  систа  æмæ  дыууæдæр хатты, Лобжанидзейы  диссаджы  пастæй – фыццаг 87-æм минутыл  Микаутадзе  баппæрста  къæм,  дыууæ минутмæ та – Хъазаишвили  æмæ  фæстагмæ  Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  матч рамбылдта  4:0.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд   июны   Найиты Лигайы  ноджы  3 матчы  ахъаздзæн – 5 июны, уазæгуат  Болгарийы æмбырдгондимæ, 9 июны   Цæгат Македонийы.  Июны фæстаг фембæлд  12 июны, Гуырдзыстоны æмæ Болгарийы  æмбырдгæндтæ   ахъаздзысты  Тбилисы.