Михеил Хъавелашвили раарфæ кодта Гуырдзыстоны æмбырдгонд баскетболæн сæ уæлахиздзинады фæдыл
Михеил Хъавелашвили раарфæ кодта Гуырдзыстоны æмбырдгонд баскетболæн сæ уæлахиздзинады фæдыл

Гуырдзыстоны президент, Михеил Хъавелашвили, Гуырдзыстоны æмбырдгонд баскетболæн Данийы командæйыл фæуæлахизы фæдыл раарфæ кодта.

Михеил Хъавелашвили баскетболисттæн бузныг расидтис сæ аккаг хъазты тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ сæ фидæны фембæлдты.

«Арфæ кæнын Гуырдзыстоны баскетболон æмбырдгондæн æмæ æппæт Гуырдзыстонæн сæ уæлахизы фæдыл!

Бузныг нæ зынаргъ баскетболисттæн сæ аккаг хъазты тыххæй. Мæ зæрдæ сын зæгъы æнтыстытæ сæ фидæны фембæлдты», -расидтис Хъавелашвили Михеил.

Гуырдзыстоны президент, Михеил Хъавелашвили, премьер-министр Ираклий Къобахидзе, æххæстгæнæн æмæ закондæттæг хицауады минæвæрттимæ иумæ Гуырдзыстоны æмæ Данийы баскетболон командæты æхсæн фембæлдмæ æрбацыд.

Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны президенты пресс-куыст парахат кæны.