Гуырдзыстоны 21-23 марты уыдзæн рæстæгæй-рæстæгмæ къæвдаджын боныхъæд
Гуырдзыстоны 21-23 марты уыдзæн рæстæгæй-рæстæгмæ къæвдаджын боныхъæд

Алфæмблайы националон агентад 21-23 марты Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци парахат кæны.

Синоптикты информацимæ гæсгæ, æввахс бонты дæр Гуырдзыстоны рæстæгæй-рæстæгмæ къæвда боныгъæд бахъахъхъæндзæн.

«Тбилисы рæстæгæй-рæстæгмæ æнхъæлмæкæсинаг у къæвда боныгъæд, боны мидæг уæлдæфы температурæ уыдзæн +15, +17 градус.

Денджызы былгæрон регионты (Батумы, Кобулеты, Анаклиайы, Поты): Иуæй-иу рæтты уардзæн къæвда. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +15, +17 градусы.

Къахеты (Сагареджо, Телавы, Гурджааны, Сигънагъы, Лагодехы, Хъварелы, Ахметайы, Дедоплисцъхъаро): Иуæй-иу рæтты уардзæн къæвда. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +17, +19 градусы.

Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Ахалкалакы, Цъалка, Бакурианы, Гудауры, Омалойы): Иуæй-иу рæтты æнхъæлмæкæсинаг у къæвда боныгъæд. Уæлдæфы температурæ боны мидæг уыдзæн +9, +11 градус», -ис фыст алфæмблайы националон агентады информацийы.