Гуырдзыстоны 11-æм ноябры онг хъарм æмæ фылдæр æнæдæлдзыæттæ боныгъæд уыдзæн
Гуырдзыстоны 11-æм ноябры онг хъарм æмæ фылдæр æнæдæлдзыæттæ боныгъæд уыдзæн

Алфæмблайы националон агентад 8-10 ноябры Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци парахат кæны.

Синоптикты информацимæ гæсгæ, хъарм æмæ фылдæр хус боныгъæд Гуырдзыстоны 11-æм ноябры онг уыдзæн.

«Тбилисы æнхъæлмæкæсинаг у хъарм æмæ хус боныгъæд, боны мидæг уæлдæфы температурæ +21, +23 градус уыдзæн.

Денджызыбыл регионты (Батум, Кобулеты, Анаклиа, Поты) уыдзæн хъарм æмæ хус боныгъæд. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +21, +23 градусы.

Къахеты (Сагареджо, Телави, Гурджаани, Сигънагъи, Лагодехи, Хъварели, Ахмета, Дедоплисцъхъаро) фылдæр хус боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +22, +24 градусы.

Скæсæн Гуырдзыстоны уæлхох районты (Ахалкалаки, Цъалка, Бакуриани, Гудаури, Омало) фылдæр хус боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы температурæ боны мидæг уыдзæн +13, +18 градус», -ис фыст алфæмблайы националон агентады фидиуæны.