Дунеон Банкы æххæстгæнæг совет рæзгæ бæстæтæн коронавирусы ныхмæ вакцинæйы æмæ тестты балхæнынæн 12 миллиард доллары бæрц пакет сбæлвырд кодта
Дунеон Банкы æххæстгæнæгсовет сбæлвырд кодта 12 миллиард доллары бæрц пакет, кæцы рæзгæ бæстæтæн коронавирусы ныхмæ вакцинæйы æмæ тестты балхæды æмæ фæрынчынуæвджытæн хоскæнынæн бахъæудзæн. Æмбæлгæ информаци Дунеон Банкы официалон веб-фарсыл æрцыд публикацигонд.
Финансон æххуысы программæ иу миллиард адæймаджы вакцинацийæн къухаразын дары йæ хъуыдыйы. Уый у Дунеон банкы 160 миллиард доллары бæрц пакеты хай, кæцы 2021 азы июны онг «Ковид-19»-ы ныхмæ тохы рæзгæ бæстæтæн æххуысæн у бакуыст. Фæнысангонд программæ дыунейы 111 бæстæмæ аххæсдзæн.
«Ауæрæхдæр кæндзыстæм батагъдгонд ахаст «Ковид-19»-æй расайгæ уæлвæтк уавæры региракæныны æрдæм, цæмæй рæзгæ бæстæтæн вакцинæ рæстаг æмæ æмбæрцæй рæувадат уа. Æдас æмæ эффективон рæувадат вакцинæ у æлхынцъон пандемийы ныхмæ тохы» – фехъусын кодта Дунеон банкы къорды президент Джэвид Малпас.