Брюсселы  официалон визитæй  уæвæг  Гиорги Гахариа  Азербайджаны æмæ Сомихыстоны æхсæн æвсæддон быцæудзинады фæдыл фидиуæн аразы
Брюсселы официалон визитæй уæвæг Гиорги Гахариа Азербайджаны æмæ Сомихыстоны æхсæн æвсæддон быцæудзинады фæдыл фидиуæн аразы

Гуырдзыстоны премьер-министр   Гиорги Гахариа  Азербайджаны æмæ  Сомихыстоны  æхсæн   радон  æфсæддон  быцæудзинады  фæдыл   фидиуæн аразы.

«Азербайджаны æмæ  Сомиыхстоны  æхсæн  радон  æфсæддон быцæудзинады  фæстиуæгæн   сырæзт уæззау   уавæр,  ис  стыр  нымæцæй амæттаг  æмæ   хъыгагæн, хæстон архайдты бауромынæ æм æдиалог сног кæнын ацы  афонмæ не нтысы.

Алчи  дзæбæх æмбарæм, цæмæй  уавæры дарддæры  эскалаци  иттæг негативонæй  бандавдзæн  æппæт регионы  æдадсзинадмæ.

Здæхæм  OSCE-йы  Минскы  къорды  æмсæдæрдæттæм  æмæ æхсæнадæмон актортæм,  максималонæй  спайда кæной  цы фæрæзтæ сæм ис  уый æппæтæй,   эскалаци бауромынæнæ æмæ  диалог сног кæнынæн.

Зондзыстут æй, нæ бæстæйæн хæларсыхагон ахастытæ ис  дыууæ дæр бæстæимæ- Азербайджаним æмæ Сомихыстонимæ.

Историонæй  Гуырдзыстоны цæрæг  азербайджайнаг æмæ сомихаг   нæхи æмбæстæгтæ, кæддæриддæр стыр рол  æххæст кодтой   куыд нæ бæстæйы, афтæ æнæхъæнæй    регионы  райтынгы  æмæ  размæцыды.  Уымæй  дарддæр ма сæ сабырадон æмцард  хорз дæнц  у,  цæмæй  гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ æмæ азербьайджайнæгтæм нын ис   потенциал  æнæхъæнæй  Хуссар Кавказ  скæнæм сабырады æмæ  райтынгы  тыгъдадæй.

Нæ иумæйаг интерес у, куыд гæнæн ис   афтæ  тагъ  æрфидар уа  сабырдзинад регионы.  Гуырдзыстон цæттæ  у  цыфæнды  формæйæ,   баххуыс кæна ацы  процессæн, уый нымæцы   диалогы гы нысанæн,  сфысым кæна  конфликты  фарсыты минæвæртты  фембæлдæн Тбилисы» – хъусын кæны   Гиорги Гахариа, кæцы Брюсселы ис  официалон визиты фæлгæтты.