«Блумберг»  сеппæтæй  бонджын адæймагæй  схуыдта Джефф Безосы
«Блумберг» сеппæтæй бонджын адæймагæй схуыдта Джефф Безосы

Компани «Амазоны»  бындурæвæрæг  æмæ  æххæстгæнæг директор  Джефф  Безос историйы  сеппæтæй  бонджындæр адæймагыл нымад цæуы.  Агентад  «Блумбергы»  бæрæггæнæнтæй,   10 январы уавæрæй,   Безосы  исад  106 миллиард  доллармæ ххæссы.  Афтæмæй,  «Амазоны» бындурæвæрæг, йæ фæстæ фæуагъта  «Майкрософты»  бындурæвæрæг  Билл Гейтсы.

Миллиардеры капиталы хай у  компани «Амазоны»  акцитæй. Уымæй уæлдай ма, Безосы сæрмæмулкмæ хауынц  рауагъдад  «Washington Post»  æмæ космосон  балцы хицæн  туристон  компани «Blue Origin».