«Блумбергы» информацийæ,  Пентагон а.х.  мæнг уацтимæ хæстмæ æрывнæлдта
«Блумбергы» информацийæ, Пентагон а.х. мæнг уацтимæ хæстмæ æрывнæлдта

Пентагон æрывнæлдта  мæнг уацтæ цы хонынц уыйимæ тохмæ.  Агнентад  «Блумберг» хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ  АИШ-ы хъахъхъæнынады  уагдон, райдайы  проекты реализаци, кæцыйы нысан у  «егъаумасштабон  автоматонæй генериргæнгæ  информацион бырсты ныхмæлæуд».

Фæнысангонд проекты Пентагон  2020 азы   президентон æвзæрстыты размæ райдайдзæн, цæмæй йæхи бахиза  æвзарæнон процесстæм хъомысдарын æмæ хифæкæнды  гæнæн  цаутæй.

«Блумбергы» хъусинагæй, АИШ-ы  æфсæддон уагдон  балхæндзæн  программæтæ, кæцытæ  дæттынц фадат  рабæрæг кæной а.х.  мæнг уацтæ,  куыд текстон афтæ ауди-визуалон форматты.

Куыд æнхъæлынц афтæмæй,  системæ  цалдæр  азы дæргъы тестон  режимы кусдзæн, цæмæй  сбæрæг уа  йæ эффективондзинад. Фæлварыны  рæстæджы  социалон хызаджы 250 мин  информацион публикаци  æмæ 250 мин  пост ахæлиу вæййынц, кæцыты æхсæн  5000-æй фылдæр  а.х. мæнг ног хабар уыдзæн.

Пентагон афтæдæр кусдзæн  алгоритмыл, кæцы америкаг  æфсæддæттæн ратдзæн фадат  а.х. мæнг уацтæ  уæдмæ  рабæрæг кæна, цалынмæ уыдон  социалон хызаджы популярон суыдзысты.  ДЗырдæуы  ахæм детекторты саразыныл, кæцытæ сенамтикон  æнæмбæлондзинад раргом кæндзысты.