Сурзæххон транспорты агентад æмбæстæгты фæдзæхсы

21:46, 02.07.2026

Сурзæххон транспорты агентад æмбæстæгты фæдзæхсы смс-ы тыххæй.

«Иуæй-иу æмбæстæгтæн æрвыст цæуынц текстон хъусынгæнинæгтæ, цæмæй сæ зæрдыл лæууын кæной, цæмæй фидой ивар фæндагон змæлды уагæвæрдтæ халыны тыххæй.

Фыстæджы ис хыгъды номыр æмæ фиддонты ссылкæ.

Кæд æмæ райсдзыстут ахæм мидисимæ текстон хъусынгæнинаг, уæд уæ хорзæхæй, ма æххæст кæнут амынддзинæдтæ æмæ ма апарахат кæнут уæхи кæнæ банчы информаци.

Æфтауцджын информацийы тыххæй уæ бон у бадзурын сурзæххон транспорты агентады тæвд хаххмæ: 032 236 55 01» – ис фыст уагдоны расидæны.

Хуыздæр