Шио III фембæлд Францы æртыккаг минæвар Оливье Куртоимæ
Гуырдзыстоны Патриархаты, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Мцхета-Тбилисы архиепископ æмæ Бичвинтайы æмæ Цхум-Абхазы митрополит Шио III Гуырдзыстоны Францы Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Оливье Куртоимæ фембæлд.
Гуырдзыстоны патриархийы информацийæ, фембæлдыл хайад истой Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы корепископ, Ахалцихейы æмæ Тао-Кларджеты митрополит Теодор (Чъуадзе), Патриархийы фæсарæйнаг хъуыддæгты департаменты хистæр, Зугдиды æмæ Цайшы митрополит Герасиме (Шарашенидзе), нымæрдар Каталикос-Патриарх, протоиерей Микаэл Ботковели æмæ Патриархийы æхсæнадимæ бастдзинады куысты къухдариуæг, протоиерей Андрия Джагъмаидзе.
«Фембæлд ацыд хъарм уавæры.
Минæвар раарфæ кодта Гуырдзыстоны аргъуаны сæргълæууæгæн Патриархы бынатмæ æрбадт æмæ йæхæдæг францы хицауады арфæйы ныхæстæ фæхæццæ кодта.
Каталикос-Патриарх Францы минæварæн æмæ Францы хицауадæн арфæйы тыххæй бузныг расидтис.
Фембæлдыл ныхас цыд Гуырдызстон æмæ Францы æхсæн историон æмæ культурон бастдзинæдтыл, бахахх кодта дыууæ бæстæйы æхсæн ахастыты нысаниуæгдзинад.
Йæхи æрдгæй уазæг банысан кодта, цæмæй Франц йæ фарсыл хæцы Гуырдзыстоны сабырадæн, йæ суверенитетæн, афтæ дæр культурон æмæ ахуырадон æмкуыстдзинады адарддæр кæнынæн.
Фембæлды кæрон гуырдзиаг аргъуаны сæргълæууæг уазæгæн юбилейон дзуар балæвар кодта, кæцы Гуырдзыстоны Чырыстон дины паддзахадон дины расидыны 1700 азы сæрмæ гæсгæ арæзт æрцыд», -ис фыст информацийы.