«Блумберг» -АИШ-ы фæнды  хæст уадзыны дырыс план базонын Украинайæ, æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй æфсæддон стратегийы фарста Давосы  Володимир Зеленскиимæ  фембæлдыл сæвæрдзысты
«Блумберг» -АИШ-ы фæнды хæст уадзыны дырыс план базонын Украинайæ, æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй æфсæддон стратегийы фарста Давосы Володимир Зеленскиимæ фембæлдыл сæвæрдзысты

АИШ-ы Украинæйæ  фæнды фенын  хæст ауадзыны  дырыс план  æмæ  æнхъæлмæкæсинаг куыд у афтæмæй, æфсæддон стратегийы фарста  Давосы, Дунейы Экономикон  Форумы фæлгæтты  Володимир Зеленскиимæ фембæлды рæстæджы,  иннæ  къуырийы  сæвæрдзысты, –  уый фæдыл  информаци, рауагъдад  «Блумберг» сæрмагонд равзæрæныл  æнцойæ хъусын кæны.

Медиафæрæзы  хъусинагæй,  æнхъæлмæкæсинаг куыд у афтæмæй,  фæнысангонд фарстайы  Зеленскиимæ иумæ, националон æдасдзинад  фарстаты АИШ-ы  президенты уынаффæгæнæг  Джейк Салливан  æркæсдзæн.  Сæрмагондæй та, «Блумбергæн» анонимон равзæрæнтæ фехъусын кодтой,  цæмæй  АИШ-ы сагъæс кæнынц  Зеленскийы æмæ гарзджын тыхты  сæйраг камандыгæнæг Валерий Залужныйы  æхсæн  æнæразыдзинады тыххæй æмæ  хъуыды кæнынц, цæмæй  уый куылымпы кæны  ног стратегийы бакуыст.

Уыимæ, рауагъдады ахæлиугонд информацийы куыд дзырдæуы  афтæмæй, АИШ-ы фæнды  сбæрæг кæнын, куыд  ауадза йæ æххуыс, цæмæй хуыздæр  баххуыс уа  Украианайæн,  йæхи бахъахъхъæныны  хъуыддаджы. Киевы æмцæдисонтæ хъуыды кæнынц, цæмæй   дырыс  æфсæдон   стратегийы бакуыст у скуыддзаггæнæг нырыккон позицитæ  бахъахъхъæнынæн æмæ Уæрæсейы хъахъхъææнынады хаххытæ атонынæн.