«Блумберг» -  Китай Уæрæсейæ  йæхи дард айсын бацархйадта  Украинамæ  интервенцийы  масштаб  куы  фæбæрæг ис уый фæстæ
«Блумберг» - Китай Уæрæсейæ йæхи дард айсын бацархйадта Украинамæ интервенцийы масштаб куы фæбæрæг ис уый фæстæ

Китай  Уæрæсейæ  йæхи дард айсын бацархйадта  Украинамæ  интервенцийы  масштаб  куы  фæбæрæг ис уый фæстæ.  Информаци   хуъсын агентад  «Блумберг».

Медиафæрæзты хъусинагæй Китайы  фæсарæн хъуыддæгты министр   Ван И   райхъусын кодта, цæмæй абсолютонæй æнæмæнгхъугæ  у фарсытæ  сæхи бауромой,ц æмæй  уавæрыл  контрол бынтон ма фесæфа.

«Китай  йæ цæст дары  Украинайы  фарстамæ  æмæ нырыккон уавæр у уый, цæй  фенын дæр Китайы  нæ фæнды»-  Китайы  падзахадон медийы хъусинагæй,   уцый фæдыл  Ван И Стыр Британийы, Фрнацы æмæ Евроцæдисы  дипломаттимæ  телефонон ныхасы  рæстæджы   загъта.

«Хуымæтæг  адæймæгты  царды æмæ  мулкъы  æдадсзинад эффективонæй хъуамæ  уа  ифтонггонд, сæрмгаондæй та, хъæуы, йибахизын   егъаумасштабон  гуманитарон  кризистæй» – æрхаста  бæстæйы сæйраг дипломаты  цитата  Китайаг агентад «Синьхуа».

Фæнысангонд  фидиуæнтæ  уый фæстæ ахæлиу сты,  Китайы лидер  СИ Дзинпин  фыццаг  комментари куы сарызта  сырæзт кризисы тыххæй  æмæ Владимир Путинмæ телефонон ныхасы рæстæджы Украинаимæ бадзырдтæ ауадзынмæ.

Китайы фæсарæн хъуыддæгты министр фарсхæцын равдыста  Украинайы  суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн  æмæ банысан кодта, цæмæй  Пекин  йæ фарс хæцы  чысыл æмæ астæуукаг  асы  бæстæты интерестæн.

«Китай кæддæриддæр   намысджынæй  æххæст кодта æхсæнадæмон хæстæ æмæ  конструктивон   роль хъазыд  Æппæт дунейы  сабырдзинад æмæ стабилондзинад хъахъъæнынады» – банысангонд у  Ван Ийы  фидиуæны.

Ван Ийы фæстаг комментариты  тон  хъауджы у  Китайы  фæсарæн хъуыддæгты министрады Уæрæсейы  интервенцийы райдайæны   рæстæджы  арызт комментаритæй.  Цыппæрæмы, Путин   æфсæддон  операци райдаыны    барамынд куы ратта, Китайы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны официалон минæвар брифингыл   гуырысхойы бын  бакодта  цас раст уаид  ныхас «Интервенцийæ»  пайда кæнын, афтæма  бахахх кодта   Уæрæсейы  хицауады  фидиуæн, цæмæй  гарзджын тыхтæ, горæтты  артиллерион хафт нæ сыххæст кæндзысты.