«Блумберг» - 1918 азы  фæстæ фыццаг хатт, фæсарæйнаг валютæйæ  æддæагон хæсыл, Уæрæсе райхъусын кодта  дефолты тыххæй
«Блумберг» - 1918 азы фæстæ фыццаг хатт, фæсарæйнаг валютæйæ æддæагон хæсыл, Уæрæсе райхъусын кодта дефолты тыххæй

Уæрæсейы  1918 азы фæстæ фыццаг хатт, фæсарæйнаг валютæйæ  æддагон хæсыл дефолт  райхъусын кодта_ – уый фæдыл  информаци  хъусын кæны «Блумберг.

Рауагъдады  хъусинагæй,   Уæрæсейы æрдгæй дефолты райхъусын кæнын уыдис  ныгуылæйнаг санкциты кульминаци, кæцы  сыхгæдта  фæсарæйнаг  кредиторты  бафысты  фæндæгтæ.  26 июны 100 милуанмæ хæстæг  доллары бæрц  проценты  бафысты   уæлбарджын  период  аивгуъыд  æмæ  кæд уый  иу  хатт фæуадзынц,  уæд æмгъуыд нымад цæуы  дефонлтыл.

Марты райдайæнæй   бæстæйы    евробондтæ   проблемон æмвæзадыл  базар кæнынц, централон банкы  валютон  резервтæ та  салд сты  æмæ ставддæр  банктæ  цух  сты  глобалон финансон системæйæ.  Ивгъуыд  къуырийы  Уæрæсейы  финансты министр,  Антон  Силуанов   фехуъсын кодта,  ома  уырыссаг   евробондтыл   фæсарæйнаг    валютæйæ фидтонты фæурдæ  æмæ рублы  схемæмæ  ахизын нæ нысан кæны  дефолт,  уый   цæуы  форсмажоры тыххæй, æрмæст Уæрæсе та нæзагъд нæ кæны  йæ хæстæ  бафидыныл æмæ æххæст кæны  алы  архайд  инвесторы онг  суммæтæ æххæстæй   фæхæццæ кæнынæн.