Авиакомпани «Джео Скайы» къухдариуæггæнæг – Суданы уæвæг Гуырдзыстоны 30 æмбæстагæй, 20 компанийы кусджытæ сты
Авиакомпани «Джео Скайы» генералон директор Шалва Кикнадзейы фидиуæнæй, Суданы сæйраг горæт Хартумы уæвæг 30-ы онг гуырдзиагæй 20 сты компанийы кусджытæ.
Шалва Кикнадзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, Суданы сты авиакомпанийы пилоттæ, стюардессæтæ æмæ инженертæ. Кикнадзейы дзырдæй, зæгъгæ уыдон æдасæй сты æмæ бинонтимæ сын иудадзыг контакт ис.
«Цъус рæстæг размæ донæй æмæ хæринагæй сæ ситофнг кодтам. Цæй зæгъын æй хъæуы фæсарæн ухъыддæгты мнистрад баст у йæ партнер бæстæтимæ иумæ, афтæма ИНО-ы мисси æмæ алчи иумæ æнхъæлмæ кæсæм фарсыты æхсæн бадзырдмæ, цæмæй бантыса æдас къæлидор саразын, дарддæр нæ æмбæстæгты эвакуацийы нысанæн. Уыдонимæ нын ис иудадзыг контакт. Ис сын интернет æмæ бастдзинад сæ бинонтимæ. Хæдзæрттæй дæр нæ рацæуынц дуармæ, сæхи дард дарынц рудзгуытæй. Сæ фылдæр сты иумæ. Мæ информацийæ, ацы быцæуæмбæлдтæ масштабон сты. Зæгъæн ис быцæуæмбæлдтæ уыдонæй 2 километры радиусы цæуынц» – банфысан кодта Кикнадзе.
Уыимæ фарстыл, зæгъгæ ис йæм æви нæ информаци Суданы уæвæг ноджы иннæ 10 æмбæстагы фæдыл, Кикнадзе сдзуапп кодта, цæмæй сын ис контакт иннæ авикомпанийы «Майвейы» кусджытимæ дæр.
«Эвакуацийы иуæй-иу фæндаг у уæлдæфон. Ис нын хæдтæхæг. Кæд уыдзæн ахæм бадзырд æмæ нæм лæвæрд уыдзæн фадат уæлдæфон фæндагæй эвакуаци скæнæм, уæд цæттæ стæм, Гуырдзыстоны 100-ы онг æмбстагы, минæварады кусджыты раласæм нæ хæдтæхæгæй. Нæ кусджытæ Суданы иу мæй у цы сты. Æххæст кодтам бадзырдæй бæрæг куыстытæ. Æххæст кæнæм рейстæ Суданæй Стамбулмæ æмæ Европæйы æрдæмадæй. Ницы разæууæл уыдис, цмæй исты конфликт æрцыдаит. Æххæст кодтам бæлццонон рейстæ» – банысан кодта Кинкадзе.
Афтæма йæ фидиуæнæй, быцæуæмбæлдтæ фылдæр аэропорты алфæмбылæйтты территорийыл цæуынц.