Фæсарæн хъуыддæгты министрад – Суданы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты æдас  бынтмæ  аластой, кæцæй  дæр сыххæст уыдзæн  сæ  дарддæры эвакуаци
Фæсарæн хъуыддæгты министрад – Суданы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты æдас бынтмæ аластой, кæцæй дæр сыххæст уыдзæн сæ дарддæры эвакуаци

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæнæй,   Суданы уæвæг  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  г. Хартумы  аэропорты  цур территорийæ бирæ æдасдæр ранмæ   акодтой,  кæцы ранæй  дæр сыххæст уыдзæн сæ эвакуаци.

«Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады æмæ   куыстдæттæг  компанийы  иуæймаг  куытæй  бантыстис   тæвд ранæй, цы ран  иудадзыг быцæуæмбæлдтæ цæуы, Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  æдас  бынатмæ аласын ацы тæккæ  æмбæстæгтæ сты  горæты æдас ран. Уагдон дарддæр кæны кусын уыдоны  Суданæй раласынæн», – хъусын кæнынц фæсарæн хъуыддæгты министрады.

Суданы  бæстæйы æфсады æмæ  «цырд æххуысы тыхты» хæцджыты æхсæн быцæудзинад 15 апрелæй  цæуы.