Æддагполитикон уагдон – уæззау  уавæры тыххæй,  нырма  бæрæг нæу дырыс рæстæг, кæд æрцæудзæн  Суданæй   Гуырдзыстоны æмбæстæгты эвакуаци
Æддагполитикон уагдон – уæззау уавæры тыххæй, нырма бæрæг нæу дырыс рæстæг, кæд æрцæудзæн Суданæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты эвакуаци

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæнæй, Суданы   уæвæг   вазыгджын æмæ   æнæпрогнозиргонд  уавæры  тыххæй,  нырма  бæрæг нæу,  дырыс рæстæг, кæд æрцæудзæн  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  эвакуаци.

Фæсарæн хъуыддæгты министрады æмбарын кæнынц, цæмæй  иудадзыг  контактыл сты  Суданы  уæвæг гуырдзиæгтимæ.

«Фæсарæн хъуыддæгты министрад, æндæр æмæ æндæр  актортимæ иумæ активон кусы  Суданæй  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  ракæныныл, фæлæ уавæр  у иттæг вазыгджын æмæ   йын прогноз  саразын гæнæн нæй, дарддæр кæнынц быцæуæмбæлдтæ.  Уый тыххæй  дæр дырыс  рæстæг  кæд бантысдзæнис  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  ракæнын, нырма бæрæг нæу, стæм  иудадзыг контактыл  уым уæвæг гуырдзиæгтимæ», –  банысан  кодтой  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.

Суданы бæстæйы æфсады æмæ  «цырд æххуысы  тыхты»  хæцджыты æхсæн,  быцæудзинад  15 апрелæй цæуы.