Æддагполитикон уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй Гуырдзыстон дарддæр кæны æмæ фидæны дæр адарддæр кæндзæн  тыхархайд Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмæ цæттæ кæны фæдылдзог раундмæ
Æддагполитикон уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй Гуырдзыстон дарддæр кæны æмæ фидæны дæр адарддæр кæндзæн тыхархайд Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмæ цæттæ кæны фæдылдзог раундмæ

Гуырдзыстон дарддæр кæны æмæ фидæны дæр адарддæр кæндзæн  тыхархайд Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты  æмæ цæттæ кæны   иннæ  раундмæ, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады прессæйы æмæ  информацийы  департаменты хъусын кæнынц.

Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ баздæхтис фарстимæ оккупацигонд Абхазы де-факто  хицауады арызт  фидиуæны фæдыл, ома Мæскуыйы  Женевæйы дискусситы  æндæр локацимæ, æнхъæлцау Минскмæ  кæнæ Бакумæ  ахæссын фæнды.  Абхазы де-факто  фæсарæн хъуыддæгты министр Инал Ардзинбайы дзырдæй,   «Гуырдзыстон нæйы дзуры  политикон  диалогыл  тыхæй æнæспайдайы  фæдыл дыууæфарсонæй  æнæмæнгхъæугæ  бадзырд бафыссыны» фæдыл.

Фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны  фидиуæнæй, Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты формат  нысаниуæгджын платформæ у.

«Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты формат  у нысаниуæгджын платформæ, кæцыйыл гуырдзиаг фарсæн, æхсæнадæмон  партнертимæ иумæ сæ нысан у, прогрессмæ æрцæуын    ахæм нысаниуæгджын фарстатыл, цахæмдæр сты 2008 азы  æхст фæурæды  фæдыл бадзырды сыххæст, гуманитарон  фарстатæ æмæ тыхбын бынативгæ уæнгты æрыздæхт.  Гуырдзыстон дарддæр   кæны  æмæ фидæны дæр адарддæр кæндзæн  ацы нысанæн  тыхархайд  Женевæйы æхсæнадæмон  бадзырды æмæ цæттæ кæны иннæ  раундмæ», –  хъусын кæнынц прессæ æмæ информацийы  департаменты.