Андерс Фог Расмусен – НАТО æнæраст сигнал ратта Владимир Путинæн, 2008 азы саммитыл, Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн МАР куы нæ ратта уæд
НАТО-ы раздæры генералон нымæрдар Андерс Фог Расмусен хъусын кæны, цæмæй цæгат-атлантикон альянс æнæраст сигнал арвыста Владимир Путинæн, 2008 азы Бухаресты саммитыл Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн МАР ку нæ ратта уæд. Уый Фæдыл НАТО-йы раздæры генералон нымæрдар «Хæсты æмæ Сабырады институтæн» лæвæрд интервьюйы рæстæджы райхъусын кодта.
Андерс Фог Расмусены дзырдæй, сæрмагондæй йæхæдæг 2008 азы Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн уæнгдзинады архайадон планы раттыны фарсхæцæг уыд.
«Мæнмæ гæсгæ, раст къахдзæф нæ сарызтам. Коммунизмы ныппырхы æмæ Берлины къулы ныккалды фæстæ мах спайда кодтам фæрæзæй, цæмæй скæсæн партнерты скодтаиккам евроцæдисы æмæ НАТО-йы уæнгтæй; уый уыд раст уынаффæ æмæ мах ауæрæхдæр кодтам НАТО æмæ Евроцæдис. Стæй 2008 азы Бухаресты НАТО-йы саммитыл мах афтæдæр ахицæн кодтам, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украинæ райстаиккам НАТОмæ. Мæнмæ гæсгæ уый дæр раст скуыддзаг уыдис. Сæрмагондæй мæхæдæг Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн уæд НАТОйы уæнгсуæвынæн архайадон план (МАР) раттыны фарсхæцæг уыдтæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ мах уый хъуамæ сæххæст кодтиаиккам æмæ йæ кæй нæ сарызтам уымæй æнæраст сигнало раттам Владимир Путинæн. Уый ахъуыды кодта, цæмæ ныр бирæ агрессивондæр архайын у йæ бон æмæ йæ архæйдтытæ нал афæстиат кодта, афтæмæй 2008 азы августы, бабарста Гуырдзыстонмæ. Абон нæ цæст куы ахæссæм уыцы рæстæджы фæзындтыл, уæд хъуыды кæнын цæмæй мах хъуамæ адарддæр кодтаиккам уыцы фæндаг, æмæ радтаиккам архайадон план Гуырдзыстонæн æмæ Украинæйæн. Уый уæнгдзинады гарантийæ нæуыдаит, фæлæ рабæззыдаит фидар сигналæн», – райхъусын кодта НАТО-ы раздæры генералон нымæрдар.