«Файненшл Таймс» - Гуырдзыстонмæ  бырсты æмæ Хъырымы  анексийы фæстæ,  бафауыны риторикæйæ дарддæр, НАТО цъус исты сарызта Мæскуыйы æфхæрдмæ раттынæн
«Файненшл Таймс» - Гуырдзыстонмæ бырсты æмæ Хъырымы анексийы фæстæ, бафауыны риторикæйæ дарддæр, НАТО цъус исты сарызта Мæскуыйы æфхæрдмæ раттынæн

Бухаресты саммиты фæстæ  Киев  æмæ Тбилис  ныгуылæны æмæ Уæрæсейы  позицийы  æхсæн   къæппæджы  баззадысты,  куыд НАТО-йы   фидæн уæнгтæ, фæлæ  альянсы  æрдгæй цыфæнды хъахъхъæдæй  цух, цыппар мæйы   фæстæ  Путины  танктæ   бацыдысты Гуырдзыстоны  цæгатмæ, –  уый фæдыл банысангонд у  «Файненшл Таймсы»  статийы.

Рауагъдад фыссы  цæмæй  Гуырдзыстонмæ бырсты  æмæ Хъырымы анексийы  фæстæ,  бафауыны риторикæйæ  дарддæр, НАТО цъус  исты  сарызта   Мæскуыйы  æфхæрдмæ раттынæн.

Статийы   хаст  у Эстонийы  фæсарæн хъуыддæгты министры, Маргус  Цахкнайы  хъуыды, ома  Уæрæсейы   сыхаг бæстæтæн  сегасдæр тæссаг бынат у   «НАТО-йы æнхъæлмæкæсыны зал».

«Мах раст уый сарызтам  15 азы размæ  Гуырдзыстон æмæ   Украинамæ   гæсгæ», – банысан кодта   Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты  министр.