Барадхъахъæнджытæ уæлдай бирæ наркотиктæ систой, ахст æрцыд иу адæймаг

11:25, 10.07.2026

Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрады Централон криминалон полицийы департаменты кусджытæ раздæры тæрхонгонд адæймагы æрцахстой, кæцыйæн уæлдай стыр бæрцæй наркотикон препаратты æнæзакъонæй балхæнын, æвæрын æмæ уæй кæнынæн æнцонвадат кæныны аххосагæй.

Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, аххосджынты сæрмагонд басгæрсты фæстиуæгæн барадхъахъæнджытæ уæй кæнынмæ бацæттæгонд уæлдай стыр нымæц наркотикон препарат «марихуанæ» æвдисæнæн байстой, афтæ дæр 89 пакеты.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, слестгæнæн архайдтыты фæстиуæгæн барадхъахъæнджытæ афтæдæр байстой наркотикон препаратты æфснайынæн æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ.

Фæдагуырд цæуы уголовон кодексы 260 æмæ 260-4 статьятæм гæсгæ, кæцытæ 20 азы онг кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны фæтк дары.

Хуыздæр