Ираклий Гъарибашвили - Цæттæ стæм  ноджы фæарфдæр кæнæм  нæ  политикон  диалог æмæ практикон  æмгуыстад НАТО-имæ алы æрдæмадæй
Ираклий Гъарибашвили - Цæттæ стæм ноджы фæарфдæр кæнæм нæ политикон диалог æмæ практикон æмгуыстад НАТО-имæ алы æрдæмадæй

Цæттæ стæм,  ноджы  фæарфдæр кæнæм   нæ  политикон   диалог  æмæ   практикон   æмгуыстад  НАТО-имæ  алы  æрдгæй, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр   Иракли Гъарибашвили  Брюсселы  НАТО-йы   генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ  уагъд  иумæйаг   брифингыл   райхъусын кодта.

Гуырдзыстоны  хицауады  сæрдар  арфæйы ныхæстæ загъта  альянсы  генералон нымæрдарæн фембæлыны  тыххæй æмæ банысан кодта, цæмæй   зæрдæрухс у  альянсы уæнгты  æрдгæй  Гуырдзыстонæн фарсдарыны тыххæй  евроатлантикон фæндагыл.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны   интеграци  нырмадæр  у Гуырдзыстоны æддагон политикæйы сæйраг приоритетæй.

«Афтæдæрæ мæ фæнды  банысан кæнын, цæмæй нын ис нысаниуæгджын размæцыд   фæстаг 10  азы  дæргъы.  Къух  бафыстам  ассоциацидзинады  бадзырдыл  Евроцæдисимæ,  сæрибар базарады  бадзырд, æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  бадзырдыл. Ивгъуыд азы  та   нырид лæвæрд уыд  Европаг перспективæ, кæцы историон  уынаффæ уыд æмæ   активонæй  дарддæр кæнæм а.х. 12  приоритетыл кусын, кæцы  тынг тагъд фæуыдзæн.   Уырнæг дæн, цæмй Гуырдзыстон кандидаты статусы аккаг у.

Афтæдæр мæ фæнды банысан кæнын, цæмæй махæн  привилеги уыд    иуæймаг ахуыргæнæндон  центры байгом 2015 азы, кæцы  диссаджы  цæвиттон у, цæмæй  куыд æмкуыст кæнынц НАТО æмæ  Гуырдзыстон кæрæдзиимæ æмæ уый  тыххæй  мæ фæнды ноджы  иу хатт бузныг зæгъон сымахæн.  Цæттæ стæм  ноджы фæарфдæр кæнæм  нæ  политикон  диалог æмæ практикон  æмгуыстад НАТО-имæ алы æрдæмадæй», –   райхъусын кодта Гъарибашвили.