Андерс Фог Расмусен – НАТО æнæраст сигнал ратта Владимир Путинæн, 2008 азы  саммитыл, Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн  МАР куы нæ ратта  уæд
Андерс Фог Расмусен – НАТО æнæраст сигнал ратта Владимир Путинæн, 2008 азы саммитыл, Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн МАР куы нæ ратта уæд

НАТО-ы раздæры генералон нымæрдар  Андерс Фог Расмусен  хъусын кæны, цæмæй  цæгат-атлантикон альянс  æнæраст  сигнал арвыста  Владимир Путинæн, 2008 азы  Бухаресты саммитыл  Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн  МАР ку нæ ратта уæд.  Уый Фæдыл НАТО-йы раздæры  генералон нымæрдар  «Хæсты æмæ Сабырады  институтæн»  лæвæрд интервьюйы  рæстæджы  райхъусын кодта.

Андерс Фог Расмусены дзырдæй,   сæрмагондæй  йæхæдæг 2008  азы Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн  уæнгдзинады архайадон планы  раттыны фарсхæцæг уыд.

«Мæнмæ гæсгæ, раст  къахдзæф нæ сарызтам. Коммунизмы  ныппырхы  æмæ  Берлины  къулы ныккалды фæстæ мах спайда кодтам  фæрæзæй, цæмæй  скæсæн   партнерты скодтаиккам  евроцæдисы æмæ  НАТО-йы  уæнгтæй;  уый уыд раст уынаффæ  æмæ  мах ауæрæхдæр кодтам НАТО æмæ Евроцæдис. Стæй 2008 азы Бухаресты  НАТО-йы саммитыл  мах афтæдæр ахицæн кодтам, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украинæ  райстаиккам НАТОмæ.  Мæнмæ гæсгæ уый дæр раст скуыддзаг уыдис.   Сæрмагондæй  мæхæдæг  Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн   уæд  НАТОйы  уæнгсуæвынæн архайадон план (МАР) раттыны фарсхæцæг уыдтæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ мах  уый хъуамæ  сæххæст кодтиаиккам æмæ   йæ  кæй  нæ  сарызтам уымæй æнæраст сигнало раттам Владимир Путинæн. Уый ахъуыды кодта, цæмæ ныр бирæ агрессивондæр архайын у йæ бон  æмæ  йæ архæйдтытæ нал афæстиат кодта, афтæмæй  2008 азы  августы,  бабарста Гуырдзыстонмæ.  Абон нæ  цæст куы ахæссæм уыцы рæстæджы  фæзындтыл,  уæд  хъуыды кæнын  цæмæй  мах хъуамæ адарддæр кодтаиккам  уыцы фæндаг, æмæ радтаиккам архайадон план Гуырдзыстонæн æмæ Украинæйæн.  Уый уæнгдзинады гарантийæ нæуыдаит,  фæлæ  рабæззыдаит фидар  сигналæн», –  райхъусын кодта  НАТО-ы  раздæры генералон нымæрдар.