Амиран Гамхърелидзейы  хъуыдымæ гæсгæйæ,  бæстæйы индиаг штаммы ахæли у 10-15 процент бæрц
Амиран Гамхърелидзейы хъуыдымæ гæсгæйæ, бæстæйы индиаг штаммы ахæли у 10-15 процент бæрц

Низты контролы   националон центры къухдариуæггæнæг  Амиран Гамхърелидзейы информацийæ,   абоны бонмæ  Гуырдзыстоны   индийаг штамы  20  цау сбæрæг ис.

Амиран Гамхърелидзейы хъуыдымæ гæсгæйæ,   бæстæйы  масштабæй   индиаг штамы  ахæлиу  10-15 процент у.

«Абон бæстæйы  официалонæй  индиаг штамы  20 цау  сты бæрæг, уыдис 18  æмæ  сабаты  сбæрæг ис ноджы дыууæ. Æнхъæл стæм, цæмæй  10-15 проценты бæрц у  ацы   индиайг штам бæстæйы.  Уымæ гæсгæ  дæр, тынг арæхсгæйæ хъуамæ уæм   æмæ   дыккагæй мауал фæрæдийæм,    фаронау,  фылдæры хайæ  нæ куы бауырныдта,  цыма  ковид басастам  æмæ   стæй федтам цы уыдис октябрь-ноябры», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.