Амиран Гамхърелидзе Марнеулы æмæ Болнисы цæрджытæн уынаффæ дæтты, сæхи бауромой балц кæнынæй
Марнеулы æмæ Болнисы цæрджытæн уынаффæ у ахæм, цæмæй нæй гæнæн æмæ уæ курæг дæн, сæхи бауромæт балцæй, ма рацæуæт ацы дыууæ муниципалитеты территорийæ, – уый фæдыл низты контролы центры къухдариуæггæнæг, Амиран Гамхърелидзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл «Моамбе»-йы эфиры райхъусын кодта.
Йæ информацийæ, сæумæрайсомæй Марнеулы уæвæг «Джео Хоспиталы» клиникæ фестдзæн а.хю тæфсæгы цæугæ низты клиникæйæ æмæ алы цæрæг, кæцымæ фæбæрæг уыдзæн температурæ, хъуамæ баздæха фæнысангонд медицинон уагдонмæ, цы ран йын анализтæ сисдзысты ног коронавирусыл басгарынæн.
«Медицинон персонал бынæттон æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды центры инструктажæй, афтæдæр бынæттон æвджидты æххуысæй, алы хъæумæ бацæудзысты æмæ алы бинонтæн фехъусын кæндзысты æмæ сæ æркурдзысты, цæмæй кæд искæмæн бæрзонд тæвд ис, æнæмæнгæй бацæуæт ацы госпиталмæ. Уым кусдзысты нæхи – низты контролы центры минæвæрттæ, тæвд кæмæн уыдзæн, уыдонæн сисдзысты анализтæ æмæ алкæцы хуызæг басгæрст аæрцæудзæн ног коронавирусыл.
Ацы рæстæджы, афтæдæр сæ æркурдзысты, цæмæй ацы клиникæйы баззайæт 24 сахаты дæргъы, цалынмæ нæ фæбæрæг уыдзысты анализты дзуаппытæ уæдмæ. Кæд дзуапп уыдзæн æппæрццаг, кæй зæгъын æй хъæуы, рафысдзысты сæ æмæ сæрмагонд хæдзæрттæм æрыздæхдзысты. Уыцы цауты та, кæцыты дæр фæбæраг уыдзæн æвæрццаг дзуапп, баззайдзысты клиникæйы æмæ стæй сæ хоскæнынмæ аласдзысты специализиргонд инфекцион рынчындæттæм, кæнæ клиникæтæм, кæцытæ ранымад сты коронавирусæн схос кæнынæн», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Марнеулы æмæ Болнисы муниципалитетты карз карантины режим расидтæуыд.