Марнеулы æмæ Болнисы расидтæуыд  карз карантины режим
Марнеулы æмæ Болнисы расидтæуыд карз карантины режим

Марнеулы æмæ Болнисы сфидар кодтой карантин.  Уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа,  хицауады администрацийы  координацион советы  уæнгтимæ  фембæлды фæстæ расидтис.

«Гуырдзыстоны хицауад, тыхыбын баис  скуыддзаг райсын, цæмæй  Марнеулы æмæ  Болнисы  районтæ, ахизæт карз карантины режиммæ», – райхъусын кодта  премьер.

Премьеры  дзырдæй, зæгъгæ, абоны уавæрæй,  коронавирусæй  инфициргонд  54  адæймаг,  карантины  сты 3 254.

«21 марты  расидтæуыд  уæлвæткъ уавæр.   Абон нын уыд тынг  уæззау  цау, Марнеулы нын ис   инфициргонд сылгоймаг, кæцыйы инфицирдзинады  гуырæн  ссарын нæ бантыст, ай у уыцы  цау, кæцыйы кой кодтам, цæмæй бæстæйы райдыдтаит  мид алæвæрды  этап.

Нæ эпидемиологты  прогнозæй,  мид алæвæрд æрцыд  ритуалон  мадзæлтты рæстæджы,   кæцыйыл уыд   цалдæр дæсой адæймаг.

Уый, цæмæй  нæ  эпидемиологтæ  рабæрæг кодтой 90  контактон гоймагы, нырма ницы уадиссаг  фæстиуæг у.  Ситуаци у  иттæг вазыгджын  æмæ  уый  у  уыцы сæйраг быцæусидт  æмæ проблемæ,  кæцыйы  мах хуыдтам   ахæлиуы  ног этапмæ  – мид алæвæрдмæ  ахызт,   кæцымæ максималонæй  цæттæ стæм.

Алы  ацы  цæттæдзинадмæ  æнæкæсгæ,  ситуаци иттæг вазыгджын у.  Гуырдзыстоны хицауад тыхыбын баис  скуыддзаг райсын, цæмæй  Марнеули æмæ Болниси, ахизт карз карантины режиммæ» –  райхъусын  кодта Гиорги Гахариа.

Карантин  ног коронавирусы пандемиимæ у баст.  Афтæмæй, 21 мартæй, иу мæйæ,  2020 азы  21  апрелмæ  Гуырдзыстоны æппæт бæстæйы масштабæй  скуыста  уæлвæтк  уавæры  режим.