Парламенты рæстæгмæ фæдагуырдон къамис Гиорги Гахариайы дистанционæй 2-æм июлы рафæрсдзæн
Гуырдзыстоны парламенты рæстæгмæ фæдагуырдон комис Гиоргий Гахариайы дистанционæй 2-æм июлы рафæрсдзæн.
Къамисы сæрдар Теа Цъулукиани куыд банысан кодта, афтæмæй Къамис нæ разы кæны Гахариайы бахауыныл, «фæлæ йæхи æрдгæй хъуамæ сифтонг кæна нормалон уавæртæ йæ хайадистæн æмæ æнцонвадат кæна сессийы æххæстбарджын ауадзынæн».
Парти «Гахариа Гуырдзыстоны сæраппонд» абон фыстæг парламенты рæстæгмæ фæдагуырдон комисмæ барвыста. Фыстæджы ис фыст, цæмæй къамис ноджы иу хатт хъуамæ æркæса Гиоргий Гахариайы рабадты дæрддзæф хайадисты фарстамæ.